Гуырдзиаг фарсмæ ис æнхъæлц, цæмæй Уæрæсе, швейцариаг компани «SGS»-имæ баххæст кæнинаг контрактыл къух афоныл рафысдзæн
Фæсарæн хъуыддæгты министры Михеил Джанелидзейы фидиуæнæй, Гуырдзиаг фарсмæ ис æнхъæлц, цæмæй Уæрæсе, швейцариаг компани «SGS»-имæ баххæст кæнинаг контрактыл къух афоныл рафысдзæн æмæ фæрстæ имплементацийы базæмæ ахиздзысты.
Журналисттæн Джанелидзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны делегацийы, Уæрæсейы æмæ Швейцарийы минæвæртты хайадæй, знон сырæзт фембæлд.
Министры ныхæстæм гæсгæ, афтæдæр сырæзт фембæлд Гуырдзыстоны делегациимæ æмæ швейцариаг компаний SGS-имæ.
«Гуырдзиаг фарсимæ контракт знон баххæст ис æмæ компани уаргъты зилдухы мониторингы 2011 азы сæйраг бадзырдмæ æбмæлгæйæ хъуамæ сæххæст кæна. Ацы контракт имплементацийы 2011 азы бадзырды контракт у, фæлæ уый тыххæй цæмæй имплементаци райдайа, æнæмæнæгхъæуæг у Уæрæсейы Федераци аналогион контракт баххæст кæна хицæн компаниимæ, кæцы азты размæ æрцыд æвзæрст, куыд хæдбар æмæ ацы проекты æххæстгæнæг афтæ. Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Уæрæсейы æрдгæй ацы контракт къухбафыст æрцæудзæн йæ фаоныл æмæ фæрстæ ахыздзыстæм имплементацийы базæмæ» – расидтис Михеил Джанелилидзе.
Уæрæсе-Гуырдзыстоны таможнæты администрирдзинадымониторингылгуырдзиаг фарс швейцариаг окмпани SGS –имæ баххæст кодта контракт. Бадзырдты кæронбæттæн раунд 2017 азы 19 декабры Берны, Швейцарийы фæсарæн хъуыддæгты министрады æхсæнбацыдæй сырæзт .