Гуырдзиаг  фарсы  æмæ  компани SGS –ы æхсæн къухбафыст æрцыд, Уæрæсе-Гуырдзыстоны  æхсæн таможнæты  администрирдзинады мониторингы  контракт
Гуырдзиаг фарсы æмæ компани SGS –ы æхсæн къухбафыст æрцыд, Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн таможнæты администрирдзинады мониторингы контракт

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  æхсæн таможнæйы администрирдзинады  мониторингыл  Швейцариаг   компани  «SGS»-имæ  контракты  тыххæй  хъусын кæны.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады фидиуæны банысангонд куыд у афтæмæй,   гуырдзиаг фарсы  æмæ Швейцариаг   компани «SGS» (Société Générale de Surveillance SA) –ы æхсæн бадзырды  кæронбæттæн   раунд  2017 азы  19 декабры, Швейцарийы  фæсарæн хъуыддæгты  мнистрады руаджы  сырæзт.

Уагдоны  хъусинагæй, Гуырдзыстоны делегацийæ  къухдариуæг кодта  фæсарæн хъуыддæты министры  хæдивæг Давит  Дондуа æмæ  делегацийы сконды та уыдыты  фæсарæн хъуыддæгты,  финансты,  экономикæйы  æмæ  мидхъуыддæгты  министрадты минæвæрттæ.

«Бадзырдты кæрон  Гуырдзыстоны æфтиæгты  куыст   къух бафыста   хъæугæ контрактыл  компани SGS-имæ, кæцы хъуамæ срæвдз кæна  «таможнæты администрирдзинады æмæ  базайрагæй базаркæныны  мониторингы  сæйраг принципты   механизмы фæдыл» Гуырдзыстоны хицауад æмæ Уæрæсейы  Федерацийы  хицауадты æхсæн  2011 азы  бадзырдæй  зæрдылдаргæ мониторинг.  2011  азы  бадзырды практикон   реализацийæн,  æнæмæнгхъæуæг у уый, цæмæй  уæрæссейаг фарс  къух бафысса  аналогион  контрактыл  Швейцариаг   компаниимæ  æмæ  уымæ æмбæлгæйæ дæр, фæрстæ  æрывналой контрактæй лæвæрд  хæстæ  æххæст кæныны» -банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.