Цæугæ азы 8 июны, мидхъуыддæгты министрад Хъазыбеджы районы цæрæн ран Гудаурийы, Гуырдзыстоны æмæ Украинæйы Республикæйы æмбæстæгты æхсæн æрцæугæ конфликты фактыл, хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 126-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары тыхмидзнад.
МХМ-ы фидиуæны куыд дзырдæуы, афтæмæй, Мцхета-Мтианеты полицийы департаментмæ бацыд хъусинаг, ома гуырдзиаг парапланæй тæхджыты æмæ Украинæйы æмбæстæгты æхсæн, кæцытæ цæрæн ран Гудауримæ хæстæг æххуырсты райстой парапланæй тæхынæн бæзгæ бынæттæ, сырæзт конфликт, кæцы рæстæджы дæр, гуырдзиаг тæхджытæ Украинæйы æмбæстæгты дзырдæй æмæ физикъонæй бафхæрдтой.
«Барадхъахъъхæнджытæ цауы бырнатмæ оперативонæй бацыдысты. Быцæудзинад адарддæр ис полициæгты бацыды фæстæ дæр, фæлæ сын рæхджы бантыст конфликты аскуыддзаг кæнын. Фæдæвзарæны фыццаг этапыл фæбæрæг ис, цæмæй гуырдзиаг паралпланæй тæхджытæ æнæнхъæлæджы Украинæйы æмбæстаг цы зæххы фадыг райста аренды уыцы территоримæ батахтысты, кæцы расидтис украинæгты мæстыдзинад æмæ фæрсты æхсæн сырæзт конфликт. Цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, полици цауы бынат сьæрæг кодта æмæ æртæдæр зианбаййафæгы æрфарста. Афтæдæр уагъд цæуы алы æмбæлон экспертизæ»- дзырдæуы фидиуæны.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, фæнысангонд конфликты дыккаг бон, гуырдзиаг тæхджытæ Гудаурийы паралпланæй тæхæн территоримæ бацæуæн фæндагыл змæлд фæкуылмпы кодтой æмæ Уæрæсейы федерацийы æмбæстæгтæн – паралпланисттæн змæлды фадат нал раттой, цæй тыххæй дæр се хсæн сырæзт конфликт. Быцæудзинады фæстиуæгæн гуырдзиаг парапланисттæ, Уæрæсейы æмбæстæгты: Сергей Дементьевы æмæ Федор Челищевы дзырдæй æмæ физикъонæй бафхæрдтой, уымæй уæлдай ма сын сæ автомобилтæ базиан кодтой.
Конфликты рæстæджы зианбаййафæг Федор Челищев ацы рæстæгмæ уæвы Тбилисы иуæй-иу медицинон уагдоны. Йæ цардмæ тас не ртъхъирæн кæны.
«Фæдæвзарæны фæлгæтты, æрфарст æрцыд конфликты хайадисæг Уæрæсейы дыууæдæр æмбæстаг, снысан ис æмбæлон экспертизæтæ. Ац рæстæгмæ цæуы интенсивон фæдæвзарæн мадзæлттæ фыдракæндгæнæг уæнгты идентификацийы нысанæй.
Фæнысангонд фактыл, хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд Гуырдызстоны тугтæрхоны барады кодексы 126-æм статийы æмæ 187-æм статийы фыццаг хаййæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары тыхмидзинад æмæ искæй дзаума базиан кæнын»- дзырдæуы МХМ-ы фидиуæны.