Гудаури-Къобийы  фадыгыл  зæйы тасæй  урæд æрцыд автотранспорты змæлд
Гудаури-Къобийы фадыгыл зæйы тасæй урæд æрцыд автотранспорты змæлд

Æрдзы  националон  агентады  хъусинагæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъаминда-Ларсы (Уæрæсейы  Федерацийы  арæн)   автомобилон фæндаджы  Гудаури(Поста)- Къобийы  фадыгыл  интенсивон митуарды  тыххæй,   зæйы  тасы  æмвæзанд бæрзонд у, цæй  тыххæй  дæр  фæнысангонд  фадыгыл  фæдзæхст у  кæцыфæнды хуызы  автотранспорты  змæлд.

Информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  регионалон рæзынады  æмæ  инфраструктурæйы министрады  автомобилон фæндæгты  департамент.

Фæндаджы  иннæ фадгуытыл   атотранспорты  змæлд  уæгъд у.