Григорий Карасин - Уæрæсейæн хъæуы Украинæйы нейтралон статус æмæ стратегион стабилондзинад
Григорий Карасин - Уæрæсейæн хъæуы Украинæйы нейтралон статус æмæ стратегион стабилондзинад

Уæрæсейæн хъæуы Украинæйы нейтралон статус æмæ стратегион стабилондзинад, – загъта Федерацийы Советы Æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдар Григорий Карасин.

Карасины ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы нæ фæнды, цæмæй НАТО йæ арæнтæм баввахс уа. Уæрæсейаг депутаты ныхасмæ гæсгæ, Стамбулы бадзырдты алыварс дæр стыр хъазт цæуы.

“Чысыл хъуыддæгтæ, уæзданæй зæгъгæйæ, карздæр ныхæстæй нæ пайда кæнгæйæ. Фæлæ мах стæм фæразон, ис нын бар ахæм бæстæйæн, кæцыйы фæнды йæхицæн стратегион стабилондзинад сифтонг кæнын, æмæ бынтон æнæхъусдард стæм, цавæр хъазты тактикæйæ спайда кæндзысты Киевы режимы алыварс”, — загъта Григорий Карасин.