Григорий Карасин – Татунашвили-Отхозориайы номхыгъд, уавæры къумаумæ ласы
Григорий Карасин – Татунашвили-Отхозориайы номхыгъд, уавæры къумаумæ ласы

Женевæйы  æхсæнадæмон   бадзырдты  45-æм раунд  фæцис.  Бадзырдты  дыккаг  боны фембæлд  авд сахат ахæссыд.

Инцидентты  ма руадзыны  механизмтыл конкретон   бадзырдмæ  не рцыдысты. Кæд  ацæудзæн  кæнæ  цахæм боны фæткæй, Галы æмæ  Эргнеты  фембæлдтæ, уый  бæрæг нæу.

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг Григорий Карасин Фыццаг Къаналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй,  зæгъгæ  фембæлдыл  банкъарианг  уыд  цæмæй  бадзырдты   райдаынæй  10 азы рацыд.

«Ац ыпериоды сахуыр стæм  цивилон, куыльтурон æвзагыл ныхас  кæнын  иттæг вазыгджын темæтыл.  Раздæр афтæ  нæ уыд. Фыццаг азты  иу  уыдис хъæрæй  дзырдтæ,  хъæлæба æмæ  демарштæ. Арæх иу фæуагъдтой  фембæлд,  хайадисджытæ.   Алцыппæт ай  абон не æрцыд.  Алчидæр сфиксир кодтой сæ позицитæ. Тынг дзæбæх у, цæмй  10 азы рацыд афтæ æмæ   масштабон  гарзджын быцæудзинад не æрцыд. Æрцæуынц  трагедитæ,  фæзындтæ дараматонæй айтынг вæййынц, фæлæ уæддæр  сырæзынц  механизмтæ  пробл5емæ  аскуыддзаг кæнынæн. Æз куыд  зонын афтæмæй,  æмсæрдæрттæ  дыууæ бон Женевæйы баззайдзысты.  Уыдон æркæсдзысты  бадзырдты  фæстиуджытæ æмæ цы фæндагæй, куыд ис гæнæн размæ рацæуæм уый.  ФÆстæдæр мах дæр фембæлдзыстæм. Æрцæудзысты ноябры  æмæ  баивдзыстæм информаци», –  райхъусын кодта  Григорий Карасин.

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министр,  ноджы иу  хатт  сцырын кодта йæ хъусдард  Татунашвили-Отхозориайы  номхыгъдыл æмæ банысан кодта, цæмæй  санкциргонд  уæнгты  номхыгъд, уавæры  къуымы æрдæм  ласы.

«Цыдæриддæр та  инцидентты превенцийы æмæ сыл реагиргæнæг механизмтæм æххæссы,  тынг вазыгджын у, конкретон дзуапп раттын. Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  æмæ мæ ныфс дæр ис, цæмæй  кæмдæр ис  ахæм тыгъдад, цы ран компромиссмæ æрцæудзыстæм  æмæ   фембæлдтæ адарддæр кæндзыстæм.  Афтæ зæгъдзынæн, иуæй-иу фарс  хъуамæ  фæфæлмæндæр кæна риторика.  Конкретонæй  мæ ныхас кæнын нæ фæнды, фæлæ  æнæнцайгæйæ   санкциргонд  уæнгты номхыгъды  кой  куы  кæнынц, уæд ацы  номхыгъдмæ хауынц    официалон уæнгтæ,  хъуысынц  фæмардуæвджыты  мыггæгтæ Татунашвили-Отхозориа. Алцыппæт  уый та  уавæры  виппайды  баласы  къумаумæ.  Ацы фарст æркæсын хъæуы  куыд  иуæй-иу  фарста афтæ æмæ  бынтон æнæхъуаджы у  алцыппæт ацы  ультиматумы æнгæс  архайдимæ уа  баст. Ма хъуамæ уа разаууæл.  ХЪуамæ сырæза  фембæлд æмæ иуæй-иу  фарстайæ каст æрцæуа» – банысан кодта Григорий Карасин.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Женевæйы форматы  æхкæд темæтæ  нæй зæгъгæ.

«Кæд искæцы  фарсы фæнды фарстайы  æркæсын,  уæд ацы фарста   бавдыст хъуамæ  уа  æмæ йæ æркæсæм. ФÆлæ  нæй  гæнæн,  ацы  темæйæ  æнæхъæн боны  фæтк   æрыхкæнын.  Сырæзæт фембæлд,  хаст æрцæуæт  иуæй-иу  фарстайæ,  æртæрхон йыл кæнæт  хайадисджытæ ацы  трагикон  цаутæ,   фæлæ  бындурон æмæ иунæг фарстайæ ма хъуамæ  уа.  Датæмæ  æмæ фембæлдмæ гæсгæ, нырма не сразы  стæм. Ис мæм стыр ныфс, цæмæй  æввахсдæр периоды   аскуыддзаг уыдзæн» –  бафтыдта ма  Карасин.