Абашидзе-Карасины фембæлдыл, Ахалгоры цур æхгæд ахизæны æмæ фæкарзгонд гуманитарон уавæры фарста æркæсдзысты
Абашидзе-Карасины фембæлдыл, Ахалгоры цур æхгæд ахизæны æмæ фæкарзгонд гуманитарон уавæры фарста æркæсдзысты

Уæрæсеимæ  ахастыты   фарстаты  Гуырдызстоны премьер-министры  специалон минæвар   Зураб Абашидзе хъусын кæны, цæмæй  ноябры   кæрон   Прагæйы  фембæлдыл  Ахалгоры цур æхгæд   ахæзн пункты æмæ    фæкарзгонд  гуманитарон   уавæры фарстатæ   æнæмæнгæй   слæууын кæндзæн.

«Формалонæй   ацы  фарстатæ  нæ боны фæткмæ  нæ хауынц,  ацы темæ  у  Женевæйы бадзырдты  форматы  æркæсинаг, фæлæ мах   алы  фембæлд,   алы  форматæй   пайда кæнæм, цæмæй хъусдард   раздахæм  алы  вазыгджын  æмæ  карз темæты æрдæм.  Прагæйы   фембæлдыл   мах  кæддæриддæр   афтæ кæнæм.   Уым  аразæм фидиуæнтæ,   уым фембæлæм медиимæ,    æнæ æрмæст гуырдзиаг   журналисттимæ æмæ архайæм,  ацы  темæтæ размæ  рахæцын,  амалуæвгæйæ карзæй.   Ацы  хаттæ дæр   афтæ  бакæндзыстæм»-  райхъусын кодта Зураб Абашидзе.

Зураб Абашидзе   Уæрæсейы  Федерацийы   советы   уæнг æмæ  Сергей  Лавровы  раздæры  хæдивæг Григорий Карасинимæ,  кæцы Уæрæсейы   президенты  уынаффæйæ,   Прагæйы   форматы   фæстæмæ   Уæрæсейы  минæвар уыдзæн  ноябры   кæрон  фембæлдзæн.