Григорий Карасин - Кæд Женевæйы бадзырдты рæстæджы гуырдзиаг фарс Арчил Татунашвилийы фарста бавдисдзæн, уæд та æруынаффæ кæндзыстæм
Кæд Женевæйы бадзырдты рæстæджы гуырдзиаг фарс Арчил Татунашвилийы фарста бавдисдзæн, уæд та æруынаффæ кæндзыстæм – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон йын зын у уый зæгъын, уыдзæн æви нæ прогресс Женевæйы бадзырдты 44-æм раундыл.
«Женевæйы Арчил Татунашвилийы фæдыл трагедийы каст фыццаг хатт нæ уыдзæн. Кæд гуырдзаиг фарс фарста бавдисдзæн, уæд та фæуынаффæ кæндзыстæм. Трагедий у æмæ мын тынг хъыг у, фæлæ ацы темæйы æркæсын хъæуы уыдонимæ, чидæриддæр æрцæугæимæ сты баст. Ацы фæрстæ сты Хуссар Ирыстоны хицауад æмæ Гуырдзыстон. Æз зонын, цæмæй ацы диалог цæуы. Абон мын зын у уый зæгхын, цæмæй уыдзæн æви нæ прогресс радон фембæлдыл»- райхъусын кодта Григорий Карасин.
Женевæйы абон æхсæнадæмон бадзырдты 44-æм раунды райдайдзæн. Касты темæтæ сты, Гуырдзыстоны æмбæстæгты цардмæ æнæзакъононæй хъавды фактытæ, оккупацигонд регионты æдадсзинады æхсæнадæмон механизмты саразын, æхсты фæурæды фæдыл бадзырды æххæстæй хъахъхъæдæй æмæ бадзырдтæ тыхæй æнæспайдайы фæдыл, кæцы фæстаг раундыл Уæрæсейы деструкцион позицийы тыххæй фæкъуыхцы ис.