Грецийы сакъадах Эвбеайыл иурæстæгонæй цыппар хæдъæы сыгъдимæ тох кæнынц
Грецийы сакъадах Эвбеайыл иурæстæгонæй цыппар хæдъæы сыгъдимæ тох кæнынц.
СТихийы тыххæй бынæттон хицауад цæрджыты эвакуаци сæххæст кодта.
Æхсæнадæмон информацион агентад «Ройтерс» куыд хъусын кæны афтæмæй, фыццаг зынгсирвæзт 4 июлы Фæзындис, кæцы хъæды нысаниуæгджын хайы скуынæг кодта. Ацы бон сакъадахыл ноджы æртæ ран фæзындис арт.
Масштабон зынгсирвæзтимæ иурæстæгонæй тох кæны 300-ы онг зынгвæдисон. Фæлæ стихийы лоаклизаци нæ уадзы бæрзонд тæвд.
Æхсæнадæмон информацион агентады хъусинагæй, полици æрцæугæмæ гæсгæ 64 аздзыд нæйлгомагы æрцахста. Уый сæрмагонд зæххыл кæрдæгыл бандзæрста арт. Фæдагуырд хъуыды кæны, цæмæй гæнæн ис хъæдыл сыгъд растдæр урдгæй ахæлиу ис.