Горæт Алмаатайы хостелы зынгсирвæзты  фæстиуæгæн 13 адæймаг амард
Горæт Алмаатайы хостелы зынгсирвæзты фæстиуæгæн 13 адæймаг амард

Хъазахы  горæт Алмаатайы  иуæй-иу хостелы  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн  13 адæймаг  амард.  Ахæлиугонд хъусинагæй,  дæс адæймаг сыгъдхъæстæйæ амардысты.

Медиа куыд фыссы афтæмæй, хостел  цæрæн хæдзары ныккæнды  уыд арæзт.  Инцидент 30 ноябры  сæумæрайсомы æрцыд.

Пъæлицæйы хъусинагæй,  бæстыхайы  æхсайæ фылдæр адæймаг уыд.  59 гоймагæн бантыстис хостелæй  хи райсын.

Сыгъд 40 квадратон метрыл уыд ахæлиугонд. Зынгсирвæзты  аххосæгтæ нырма  бæрæг не сты.