Грецийы æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты дæсы онг политикъон парти исы хайад, фæлæ реалон тох цæуы хицаугæнæг партий «Сиризас»-ы æмæ оппозицион парти «Ног Демократийы» æхсæн. Рафарстмæ гæсгæйæ, уæлахиздзинадмæ, растдæр оппозицион парти æмæ йæ лидер Кириакос Мицотакис æрцæудзысты.
Æвзарæнон фадгуытæ бынæттон рæстæгæй, 07:00 сахатыл байгом сты æмæ изæры 19:00 сахатыл æрцæудзысты æхгæд. Æвзæрстыты фыццаг фæстиуджытæ абон æхсæвы сахатты фæбæрæг уыдзæн.
Грецийы премьер-министр Алексис Ципрас æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ уый ф æстæ снысан кодта, хицаугæнæг партий европарламенты æвзæрстыты куы фембылд ис. АБон цæугæ æвзæрстытæ фæстаг дæс азы мидæг нырид æхсæзæм сты.
Афтæма, абон фыццаг хатт, хъæлæс кæныны барæй спайда кæндзысты 17 азыдзыд æвзонгтæ дæр.