Горæт Миколаивы администрацийы бæстыхайыл ракетон хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц12-ы онг сырæзт
Укринайы горæт Миколаивы хицауадон администрацийыл Уæрæсейы текхты знон сæххæст хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 12-ы онг сырæзт. Цæф сты 20-æй фылдæр адæймаг.
«ВВС»-имæ ныхасы Миколаивы мэр Олександр Сенкевич куыд загъта афтæмæй, бæстыхайы æфсæддæттæ нæ уыдысты, уым уыд æрмæстдæр хъахъхъæды куысты уæнгтæ æмæ администрацийы кусджытæ.
Сенкевичы хъуыдымæ гæсгæйæ, Уæрæсейы тыхты нысан гæнæн ис уыдаит зылды губернатор Витали Ким, кæцы хафты рæстæджы администрацийы бæстыхайы нæ уыдис.
Фарастуæладзыгон бæстыхайыл ракетон хафт знон сæумæрайсом сыххæст. Фæнысангонды фæстиуæгæн скуынæг ис Виталий Кимы офис.