Гитанас Науседа йæ къух æрфыста Лиетувæйы премьер-министры æмæ хицауады отставкæйы фæдыл уынаффæйыл
Лиетувæйы президент Гитанас Науседа премьер-министр Гинтаутас Палучкасы æмæ йæ хицауады бынæттæй ссæрибар кæныны фæдыл уынаффæ бафыста. Афтæ дæр хицауады рæстæгмæ сæргълæууæгæй финансты министр Симантас Садзиусы снысан кодта.
Гинтаутас Палучкас йæ бынатæй ацæуыны тыххæй фехъусын кодта президентæн 31 июлы, йæ алыварс скандалты рад куы æрцыд, уый фæстæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Лиетувæйы журналисттæ раргом кодтой Палучкасы дызæрдыггаг бизнес-бастдзинæдтæ. Уый бындурыл Лиетувæйы Генералон прокуратурæ бахæс кодта Сæрмагонд Фæдагуырдон Службæйæн, цæмæй сбæрæг кæна уавæртæ. Финансон фыдракæндты фæдагуырды службæйы кусджытæ сарæзтой агурæн операци компани «Данкора»-йы, кæцы хауы премьер-министры хæрæфыртмæ. Компани райста европæйаг финанскæнынад æмæ балхæдта батарейæты системæтæ премьер-министры хи компани Garnis-æй.
Науседа радта Палуцкасæн дыууæ къуырийы, цæмæй дзуапп ратта аххосæгтæн.