Гиоргий Гахария патрулон полицийы департаменты сæрдарæй Теймураз Къупатадзейы бавдыста
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Гиоргий Гахария патрулон полицийы сæрдары постмæ Теймураз Къупатадзейы бавдыста. Гахария банысан кодта, патрулон полици министрады нысаниуæгджын дæлхайад у, кæцы хъахъæны æмбæстæгты æдасдзинад. Къупатадзе патрулон полицийы кусты 13 азон фæлтæрæн ис. Æндæр æмæ æндæр рæстæджы уый патрулон полицийы æмарæзты патруль-инспектор уыд, Шида Картлийы анализ æмæ мониторингы хистæрæй дæр куыста. 2017-æм азы августы мæйæ Къупатадзе министрады патрулон полицийы департаменты директоры хæдивæг уыд.