Гиорги Квирикашвили – уырнæг дæн, Бидзина Иванишвилийы сæвзæрст «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдарæй, позитивонæй бандавдзæн бæстæйы политикъон цардмæ
Премьер-министр Гиорги Квирикашвили хъусын кæны, цæмæй уынаффæ, кæцымæ гæсгæйæ, партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдарæй кæй суыдзæн Бидзина Иванишвили, уый позитивонæй бандавдзæн бæстæйы политикъон цардмæ æмæ ног импульс ратдзæн фæткдæттæг къордæн.
«Уырны мæ, ацы скуыддзаг позитивонæй бандавдзæн нæ бæстæйы политикъон цардмæ. Ай уыдзæн ног импульс нæ партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» алкæцы уæнгæн, нæ къодæн æмæ мæхицæн дæр куыд премьер-министрæн афтæ» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы уагъд брифингыл.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, æввахс бонты сырæздзæн партийы политикон совет æмæ уый фæстæ та æмбырд.
«Уырнæг стæм, цæмæй политсовет æмæ делегаттæ æмхъæлæсонæй сывзардзысты Бмидзина иванишвилийы ног сæрдарæй æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр æвзæрст æрцæудзæн политикон советы ранæуæггонд сконд» – загъта премьер.
Премьер абоны брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ хуымæтæг æмæ легитимон у æхсæнады интерес фæткдæттæг партийы цæугæ процессты æрдæм.
«Мах куыд хицауады уæвæг тых, æмбарæм бæрн бæстæ æмæ адæмы раз. Хъуыды кæнæм, цæмæй нæ паддзахадон рæзынады фоныл æнæмæнг æссис фæтыхджындæр кæнæм партий. Нысаниуæгджын сты партийы мидæгæй цæугæ процесстæ, ацы рæстæджы нæ иу кæны æмхуызон политикон ахаст, куыд мидæгон – афтæ æддæ хъуыддæгты æрдæм. Ахсджиаг у, цæмæй фæткдæттæг тых, йæхимæ æруадза иудзинад фундаментон фарстытыл. Зонут æй, цæмæй Бидзина Иванишвили нæ бæстæйы историйы иуæй-иу сеппæтæй увазыггджын рæстæджы сарызта партий, кæцы скуыддзаггæнæг роль сæххæст кодта паддзахады райтынгы. Алкæмæндæр бæрæг у, куыд стыр у нæ къордæн Бидзина Иванишвилйиы фактор. Фæнды мæ зыгъон уын, цæмæй мæхи æмæ балы номæй банхъардтон Бидзина Иванишвилийæн йæ сæргъ слæууа партийæн æмæ райгонд дæн, цæмæй Бидзина Иванишвили ацы æнхъарæныл сразы ис. Уымæн æцæгæй дæр йæ бон у фæтыхджындæр кæна партийы политикон апп сæрдары рангы, ратта йын ног динамикæ фæстæдæр тынгадæн æмæ фылдæр эффективондзинад æмæ прогрессæн, куыд æххæстгнææг – афтæ закъондæттæг хицауад æмæ хæдуынаффæйæн» – банысан кодта Квирикашвили.