Гиорги Гахариа – МХМ никуы уыдзæн уæззау фыдракæндыл ныххатырæй арæх пайдакæнынады фарсхæцæг
Гиорги Гахариа – МХМ никуы уыдзæн уæззау фыдракæндыл ныххатырæй  арæх пайдакæнынады фарсхæцæг

Мидхъуыддæгты министрад  никæд бонты уыдзæн  уæззау  фыдракæнды  тыххæй ныххатырæй  арæх  пайдакæнынады  фарсхæцæг –  уый  фæдыл  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министр  Гиорги Гахариа  журналисттæн абон фехъусын кодта.

Гиорги Гахариа куыд  банысан кодта афтæмæй,   расттæрхоны   системæйы  сæйраг   змæлынгæнæг тых   гуманон ахасты бæсты, хъуамæ  уа  æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæнын.

«Мидхъуыддæгты министрад  никæд бонты уыдзæн  уæззау  фыдракæнды  тыххæй ныххатырæй  афтæ  арæх  пайдакæнынады  фарсхæцæг.  Ахæм позицийыл стæм  æмæ   кæмфæндыдæр сфиксир кæндзыстæм уый.  Нæ ахаст уый нæу, цæмæй искæцы иу конкретон,   цалдæр уæззау æсæ   трагикон  цауы алыварс æрбайсæм  исты системон   ивдтытæ.  Нæ хъуыдымæ гæсгæ,  расттæрхоны системæ хъуам уа æмхуызон.  Уый у септтæй стыр сидт. ХЪУыды кæнæм, цææмй    расттæрхоны   системæйы  сæйраг   змæлынгæнæг тых   гуманон ахасты бæсты, хъуамæ  уа  æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæнын. Растдæр уый тыххæй  аразæм ахæм акцентытæ, уый тыххæй  дзурæм,  цæмæй  расттæрхоны  системæйы   рæстмæ куыст  у иттæг нысаниуæгджындæр, цææмй  не мбæстæгты æдасдзинад  бахъахъхъæнæм»-загхта   мидхъуыддæгты министр.

Тбилисы  барновы  уынгыл  æрцæугæ марындзинадмæ гæсгæ  та, Гахариа дзуры,  цæмæй  ацы конкретон  цауы,  сегасæй  карздæр  мадзал  хъуамæ æрцауы уагъд,  æмæ куыд гæнæн ис  афтæ рæхджы хъуамæ уфæуа   фæдæвзарын.