Гиорги Гахариа   -  Гуырдзыстон комкоммæ  цымидисджын у,  регионы  цыфæнды хуызы  конфликт, аскуыддзаг  уа  æрмæстдæр сабырадон  бадзырдты фæндагæй
Гиорги Гахариа - Гуырдзыстон комкоммæ цымидисджын у, регионы цыфæнды хуызы конфликт, аскуыддзаг уа æрмæстдæр сабырадон бадзырдты фæндагæй

Гуырдзыстон комкоммæ  цымидсиджын  у, цæмæй   цыфæнды хуызы  конфликт  нæ регионы   аскуыддзаг  уа  æрмæстдæр сабырадон  бадзырдты фæндагæй –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариа  Уæлхох Карабахы  уæвæг уавæры  ныхасы рæстæджы  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм æгсгæ,   Гуырдзыстонæн   регионы   хæст  у  сегасдæр стыр риск.

«Нæ  сыхы  æцæг  хæст куы  цæуы,  уæд Гуырдзыстонæн  уый  у  сегасдæр  стыр  риск.  Кæй зæгъын æй хъæуы,   алцыппæт  сараздзыстæм, цæй  фадат нæм уыдзæн, цæмæй  хайбавæрд  скæнæм   сабырад æрфидар кæныны хъуыддаджы. Ис нын куыд  сомихаг æмбæстæгтæ, афтæ – азербайджайнæгтæ дæр.  Гуырдзыстон комкоммæ  цымидисджын у,  цыфæнды хуызы  конфликт  нæ регионы   аскуыддзаг  уа,  æрмæстдæр сабырадон  бадзырдты фæндагæй, æмæ уый тыххæй  Цы нæ бон  уыдзæн, алцыппæт сараздзыстæм», –  райхъусын кодта   Гахариа.