Гиорги Гахариа – 1800  лигъдон бинонтæм, 6 мины онг адæймагмæ æртæ азæй раздæр æрцæудзæн лæвæрд хæдзар
Гиорги Гахариа – 1800 лигъдон бинонтæм, 6 мины онг адæймагмæ æртæ азæй раздæр æрцæудзæн лæвæрд хæдзар

1800 лигъдон бинонтæ, 6 мины  бæрц адæймаг, æртæ азæй  раздæр райсдзæн   хæдзар, –  уый  фæдыл   премьер-министр Гиорги Гахариа  девелоперон секторæн æххуысы   антикризисон   пъланы   презентацийы  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  арæх  уыд  фæстаг  фарст уый фæдыл, цæмæй лигъдонтæм хъусдард нæй.

«Фæстаг мæйты дæргъы,  кризисы  периоды  конкретон  къахдзæфтæй,   æххуысæй  бирæ социалон   къордтæм фæцагайдтам  æмæ арæх  фарст уыдис, цæмæй нын нæ лигъдонтæ  æнæхъусдард баззадысты.  Ныр та  мах ацы  фæкъуыхцыйы  компенсаци кæнæм.

Хицауад   рауæлдай кæндзæн 150 милуан ларийы  афæдзы  кæронмæ, уый тыххæй,  цæмæй  сфинанс кæна лигъдæттæн  уæлæмхасæй  1800  бинонтæн, æртæ хаттонæй  фылдæр арæзтад, кæцы  уый нысан кæны, цæмæй  нæ лигъдæттæ, 1800  бинонтæ,  6 мины онг адæймаг, æртæ азæй  раздæр  райсой хæдзар. Кæй зæгъын æй хъæуы,  уый  уыдзæн  комкоммæ  æххуыс  ликвидондзинадæй,  комкоммæ æркуырд сæххæст кæнын   арæзтадон  компанитæн», -райхъусын кодта  премьер-министр.