Гиорги Амилахвари  Италиайы минæваримæ, Энрико Валвоимæ  хæрзбойнон  равгы фембæлд ауагъдта
Гиорги Амилахвари Италиайы минæваримæ, Энрико Валвоимæ хæрзбойнон равгы фембæлд ауагъдта

Гырдзыстоны  ахуырады,зонæдты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл министр  Гиорги Амилахвари, фыццаг хæдивæг Александре Цъуладзеимæ иумæ, хæрзбонон  фембæлд ауагъдта  Италиайы    сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Энрико  Валвоимæ.

Ахуырады  министрады  хъусинагæй, Гиорги Амилахвари  Энрико Валвойæн раарфæ кодта   фæстиуæгждын  æмгуыстады   тыххæй æмæ ахуырады  сферæйы  сæххæст   иумæйаг  проектты тыххæй.

«Министрæн ма  Италиайы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæварæн  йæ фидæны  куысты  æнтыстытæ   куыд  уа  уыцы арфæтæ бауарзта йæ  цæст.

Энрико Валво   йæхи æрдгæй   раарфæ кодта Гиорги Амилахварийæн  дæнцон партнерады тыххæй æмæ  сколаты  италиайаг æвзаджы  бацахуыры æххуысы  тыххæй.  Минæвар   сæрмагондæй  банысан кодта уыцы факт, ома министры уынаффæйæ, 2023 азæй италиайаг  æвзаджы  ахуыргæнджытæн  фадыгон  фæлварæн  раттыны  фадат уыд лæвæрд.

Фембæлдыл фарсытæ ныфс равдыстой, цæмæй  ахуырады  æрдгæй, бæстæты æхсæн  уæвæг   бирæазон партнерад  фидæны ноджы стыхджындæр уыдзæн», –  банысангонд у  уагдоны информацийы.