Германимæ ныццæуын  фенцондæргонд  ковидрегуляцитæм гæсгæйæ фыццаг июнæй  сæ бон уыдзæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн дæр
Германимæ ныццæуын фенцондæргонд ковидрегуляцитæм гæсгæйæ фыццаг июнæй сæ бон уыдзæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн дæр

Германимæ фенцондæргонд  ковид регуляцитæй  бахизын фыццаг июнæй  сæ бон уыдзæн Гуырдызстоны æмбæстæгтæн дæр.

Фæнысангонды  фæдыл  Гуырдзыстоны  Германийы  минæварады веб-фарсыл  публикацигонд информацийы у банысангонд.

«Германимæ  бахизынæн  фенцондæргонд  ковидрегуляцитæ фыццаг  июнæй:  Германимæ  бахизын  кæй  фæнды уыдонæн æнæмæнгхъæугæ нал у  вакцинацийы,  сæнæнизы кæнæ тесты  æвдисæнгæххæт;  аивдтой  инфекцийæ  бахъахъхъæнынæн арызт бæрзонд рискы  бæстæты  ранымад, уымæн æмæ «омикрон»  бирæ стæмты дæр расайы  фæрынчыны  уæззау  формæтæ;  вакцинацийы   æвдисæнгæххæт  хъæуы æрмæст уыцы  уæнгтæн, чидæриддæр  Германимæ  ныццæуы  бæстæтæй, цы ран уыд  вирусы  мутаци. Ахæм цауы   бахизын гæнæн ис  Æппæтдунейон æнæниздзинад хъахъхъæнынады  организацийы  ранымад  алы вакцинæйæ.  Гуырдзыстон ахæм бæстæты  ранымадмæ нæ  хауы», – дзырдæуы   минæварады информацийы.