Германийы минæварад 12 апрелы пресс-конференцийыл Олаф Шольцы фидиуæны скуыддзаг публикаци кæны – ныфс дарæм, ацы закъоны ахæм хуызæй нæ райсдзысты æмæ критикон фидиуæнтæ нырдæр уыдзысты
Гуырдзыстоны Германийы мнæварад Германийы канцлеры Олаф Шольцы æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры Ираклий Кобахидзейы иумæйаг прессконференцийæн Олаф Шольцы фидиуæны скуыддзаг публикаци кæны, кæцы «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроектмæ æххæссы.
«Германийы Федералон Канцлеры Олаф Шольцы æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры Ираклий Къобахидзейы прессконференцийыл, кæцы 2024 азы 12 апрелы Берлины ацыд, феералон канцлер Шольц райхъусын кодта:
«Фæнды мæ ноджы иу хатт зæгъын: мах афтæ куыд æнæхъæн Евроцæдис, критикон уыдыстæм фæсарæйнаг æндæвдады организациты фæдыл закъонмæ гæсгæ æмæ йæ куы баурæдтой, стыр ныфс нæм уыд, цææмй нал уыдаит касты. Ацыхатт, ног закъондæттæн инициативæ ис, кæцы раст уыцы æрдæм фæцæуы. Нæ критикæ, раззаг периоды хузыæн, уыдзæн æнæивгæ æмæ ныфс дарæм, цææмй ацы закъоны ахæм хуызæй рæ райсдзысты æмæ ныр дæр сæ зæрдыл бадардзысты критикон фидиуæнтæ.
Евроцæдисмæ нæй ахæм регуляци. Ис дискусси уый фæдыл, цæмæй ист ы арызт æрцæуа, кæцы бæрæг сферæты æргомдзинад сифтонг кæндзæн, фæлæ уый æндæр регуляци æмæ æндæр концепци у, ерын цæй кой кæнæм уыйимæ абаргæйæ. *Евроцæдисы) уый нырма нæ райстой, æмæ æнхъæл дæн нæдæр æй райсдзысты. Уыдис бæрæг регуляци Венгрийы, кæцыйы авидта Еропæйы Тæрхондон» -банысангонд у Гуырдзыстоны Германийы минæварады фейсбукфарсыл публикацигонд информацийы.