Германийы хицауад Гуырдзыстонæн 3 милуан евройы бæрц грант рауæлдай кодта
Германийы хицауад Гуырдзыстонæн 3 милуан евройы бæрц грант рауæлдай кодта

Гуырдзыстоны  Германийы минæварады хъусинагæй, 30  ноябры  Гуырдзыстоны финансты министр, Лаша Хуцишвили æмæ Германийы  Реконструкцийы Кредитон Банкы  (KfW) Хуссар Кавказы  офисы  къухдариуæггæнæг  Биргит Холдрейд-Крес къух бафыстой  бадзырдыл,  Германийы  хицауады финансгонд 3 милуан  евройы  бæрц грант рауæлдай кæныны фæдыл.  Минæварады хъусинагæй, суммæ бахардз уыдзæн  ковид-пандемийæ зианбавзарæг  бинонтæн социалон æххуыысыл.  Ацы грант бафтаудзысты ивгъуыд азы пандемийы ныхмæ  тохы тыххæй нырид рауæлдайгонд æххуысмæ, кæцыйы бæрц  уыд  5,8 милуан евро  æмæ  15 милуан евройæ ныллæгпроцентджын  кредитæй.

Минæварады  банысан кодтой, цæмæй  ацы æххуысы  нысан уыд  Гуырдзыстоны  уыцы бинонтæн экономикон  фæстиуджытæ фæрогдæр кæнын, кæцытæ  ковид-пандемийы тыххæй  фæцух сты  æфтиагæй.

Райрæзгæ  суммæйæ  сфинанс уыдзæн 135  минæй  фылдæр  фидтон социалонæй цыбыркъух  бинонтæн.  Ацы рæстæджы 2020 азы  лæвæрд  кредиты  фæрцы гæнæн уыдзæн, сыххæст уа  æгуыст æмбæстæгтæн  æххуысы 280 минæй фылдæр фидтон  бафидын  æмбæлгæ  уæнгтæн.  Ацы æххуыс йæ хайбавæрд скæндзæн  æнæрмæст бирæ  хæдзары бинонты  социалон  хъахъхъæды  хуъыддаджы, фæлæ ма  социалон  хъахъхъæды системæ стынг кæныны.