Германийы антифашистон акцийы хайадисджыты æрцахстой

Германийы, ультрарахис  партийы  æмбырды  параллелонæй, уынгты  сырæзт быцæудзинад.    Гановеры  æрымбырдуæвæг антифашистон  акцийы  хайадисджытæ полицимæ фæбыцæу сты.  Зиæнттæ райстой  цалдæр адæймаг.  Акцийы  хайадисджытæ  архайдтой,  бахъыгдарттаиккой   партий «Альтернативæ  Германийæн»  æмбырды ауадзын.   Уый сын фыццаг ахæм æмбырд уыд уый фæстæ  ультрарахисты партий  Бундестагмæ  кæй баирвæзтысты уый фæстæ.

Полици  манифестантты  ныхмæ  доны сыгæй  спайда кодта.  Быцæудзинады рæстæджы  æрцахстой 10 демонстранты.

Сентбяры  уагъд æвзæрстыты   партий, æвзæрстгæнджыты  12,6 %-ы хъæлæстæ æрымбырд кодта. Гановеры  уагъд æмбырдыл  партийы делегаттæ дыууæ æмсæрдары сывзæрстой.  Иуæй-иу  Йорг  Моитъен,  дыккаг та   Александр Гауланд æссис.  Ацы фæстаг, фæнысангонд посты фыццаг бацахсдзæн.  Гауланд   у партийы  националист-консерваторты базыры минæвар.