Гаагæйы æхсæнадæмон тугтæрхоны барады тæрхондоны сæйраг прокуррорæй бритайнаг Карим Ханы сывзæрстой.
Карим Хан фæнысангонд постыл фæивдзæн Габриел Фату Бенсудайы.
Карим Ханы халлæпæрсты дыккаг туры сывзæрстой. Тæрхондоны 122 бæстæйæ 72 минæвар йын схъæлæс кодта. Бритайнаг юрист æмæ дипломат ныр къудариуæг кæны ИНО-йы фæдаугырæг къордæн, кæцы иртасы террористон къорд «Исламы Паддзахады» уæнгты фыдракæндтæ.
Тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны сæйраг прокуррор æндæр хъуыддæгтимæ иумæ ныр æвзары 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæдыл гæнæн æфсæддон фыдракæндтæ .
Бакой уын кæндзыстæм цæмæй Дональд Трампы администраци Гаагайы тæрхондоны раздæры прокуррор Фату Бенсудайæн санкцитæ сфидар кодта. АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдар Майк Помпео та Фату Бенсудайы коррупци æмæ субъективондзинады фæзылын кодта. Уый аххосæй уыд прокурроры æрдгæй Афгъанистаны америкаг æфсæдды гæнæн фыдракæндтæ равзарын, кæцыйы ныхмæ уыд Вашингтон.