Гаагæйы тæрхондон Сергей Шойгу æмæ Валери Герасимовы æрцахсты ордер ратта
Гаагæйы тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондон Уæрæсейы раздæры ъхахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы æмæ генералон штабы къухдариуæггæнæг Валерий Герасимовы æрцахсты ордер ратта.
Шойгу æмæ Герасимовы æрцахсты ордертæ Украинамæ интервенцийы рæстæджы сæххæст фыдракæндты тыххæй уыд лæвæрд.
Гаагæйы тæрхондоны тæрхонгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой афтæмæй, ис зæрдæхсайд цæмæй Шойгу æмæ Герасимовыл æвæрд цауы бæрн Уæрæсейы æфсад, иууыл цъус 2022 азы 10 октябрæй 2023 азы 9 марты онг периоды украинаг энергетикон инфратсруктурæйыл цы хафтытæ сыххæст кодта, уый тыххæй.