Фыццаг октябрæй, Ачъарайæ цух, фыццагæй æхсæзæм класс хынцгæйæ ахуырдзаутæ ахуыр адарддæр кæндзысты классты
Ахуырады министр Михеил Чхенкели хъусын кæны, цæмæй фыццаг октябрæй, Ачъараййæ цух, уыцы скъолаты, цы ран ахуыры процесс дистанционæй цыдис, фыццагæй æхсæзæм класс хынцгæйæ ахуырдзаутæ классон уатты адарддæр кæндзысты ахуыр.
«Фыццаг октябрæй, уыцы скъолатæй цух, цы ран ахуыры процесс дистанционæй цыдис, фыццагæй æхсæзæм класс хынцгæйæ ахуырдзаутæ ахуыр адарддæр кæндзысты классты. Уый нæ хауы Ачъарамæ. Кæд ахуырдзауты ныйарджытæ сфæнд кæндзысты. цæмæй сæ хъæбул ахуыр адарддæр кæна дистанционæй, уæд уыцы процесс æнæхъæн ситфонг кæндзыстæм. Фыццагæй æхсæзæм класс хынцгæйæ, Ачъарайæ дарддæр, скъоладзаутæ æрыздæхдзысты аудиторитæм, хистæр классты та, æвдæмæй-дыууадæсæм классы скъоладзауты тыххæй фидиуæн сараздзыстæм цъус фæстæдæр», – банысан кодта Михеил Чхенкели.