Фыццаг Каналы æмфинансгондæй ист фильмтæ Батумы æхсæнадæмон фестивалыл сты бавдыст
Батумы авторон кинойы æхсæнадæмон фестивалыл (Biaff) Æхсæнадон Уацхæссæджы æмфинансгондæй ист æртæ фильм уыдзæн бавдыст.
Biaff-мæ бавдыст куыстыты æхсæн ис цыбырметражон фильм «Номыр 26», кæцыйы проект Гуырдзыстоны националон киноцентры 2019 азы конкурсы уæлахизгонд у æмæ киноцентры æмæ Фыццаг Каналы æмфинансгондæй уыд ист. Банысан кæнинаг у уый æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг фæнысангонд конкурсы уæлахизгонд авд цыбырметражон фильм сфинанс кодта. Фильмы режиссер æмæ сценарийы автор у Гванца Мепаришвили.
Батумы авторон кинойы æхсæнадæмон фестивалмæ афтæдæрбавдыст у Фыццаг Каналы æмæ театр æмæ кинойы паддзахадон университеты иумæйаг проект «Дебюты» фæлгæтты ист цыбырметражон фильмтæ «Цæттæдзинад» (режиссер Илиа Аситашвили) æмæ «Æмæнкъард» (режиссер Звиад Циколиа).
Æртæдæр цыбырметражон фильмы равдыст 23 сентябры кинотеатр «Аполойы» ацæудзæн.
«Фыццаг Канал кæддæриддæр стыр инвестицитæ æвæры документон æмæ аивадон кинопродукцийы арызты. Иу æрдгæй, ай у продукт, кæцы нæ каналæн цæттæ кæнынц æмæ иннæрдгæй, ай у цымидисон проектты, кæнæ æндæр æмæ æндæр конкурсы уæлахизгонд сценариты финансдзинад. Фæлтæрддзинад нын куыд æвдисы, афтæмæй, Æхсæнадон Уацхæссæджы финансгондæй кæнæ æмфинансгондæй арызт фильмтæ, бынæттон æмæ æхсæнадæмон фестивальтыл активон бавдыст сты, кæцы мæ хъуыдымæ гæсгæ, æхсызгон у æмæ хахх кæнын Фыццаг Каналы хайбавæрд ацы индустрийы размæцыды», – райхъусын кодта Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.
Biaff-ы индустрион платформæйыл «Альтернативон уылæн» Фыццаг Каналы ног проекты «Теледокъы» презентаци ацæудзæн. Проект йæ хъуыдыйы дары æрвылкъуырион æрдæгсахатон документон фильмтæ адæймæгты тыххæй, кæцытæ актуалон æмæ цымидисон æхсæнадон, куыльтурон, экономикон æмæ социалон царды сты баст.