Тинатин Бердзенишвили – Гуырдзиаг закъондæттынад хæстæг кæны европагимæ  æмæ æнхъæлын, цæмæй ныр Æхсæнадон Уацхæссæджы тыххæй хаст уынаффæ  нæу раст, æнæмæнгæй йæм баздæхдзыстæм фæстæмæ
Тинатин Бердзенишвили – Гуырдзиаг закъондæттынад хæстæг кæны европагимæ æмæ æнхъæлын, цæмæй ныр Æхсæнадон Уацхæссæджы тыххæй хаст уынаффæ нæу раст, æнæмæнгæй йæм баздæхдзыстæм фæстæмæ

Растдæр ерын, гуырдзиаг  закъондæттынад Европагмæ  куы  хæстæг кæны,  хъуыды кæнын, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæджы  фæдыл уынаффæ  нæу  раст æмæ æнæмæнгæй  йæм æрыздæхдзыстæм уымæ? –  уый фæдыл Æхсæнадон Уацхæссæджы  генералон  директор  Тинатин Бердзенишвили  райхъусын кодта.

Бердзенишвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  ныхас нæ цæуы  æрмæст  Æхсæнадон Уацхæссæджы  финансдзинадыл, фæлæ ма  дзырдæуы  фæткæвæрд ивдыл.

«Мах  нæ ныхас кæнæм  æрмæст  финансдзинадыл, фæлæ моделы уагы  ивды кой кæнæм, кæцы мæнмæ гæсгæйæ, сегасдæр стыр проблемæ у.  Финансдзинад хицæн фарста у æмæ ууыл нырма ис гæнæн  фæныхас кæнæм.  Фыццаг   махæн асхджиаг у  уый æрымбарын, цæмæй   цы у Æхсæнадон Уацхæссæг,  цы мисси йæм ис.   Мæнмæ гæсгæйæ, уый  дзæбæх нæ бамбæрстой, цы  проблемæ у, уый тыххæй  исæм ахæм закъонтæ, кæцытæн бæрæг æрдгæй  сраст кæнын гæнæн нæй.   Дыккаг –  ис нын финансдзинады европаг модел, дзурæм Европæйы Уацхæсджыты  Цæдисы, 47 бæстæйы  64  уацхæссæджы  цæвиттоны æмæ хуымæтæг фарст у, кæд  сæ иумæ дæр  нæй  финансдзинады ахæм уаг, уæд цæмæн хъуамæ  уа  махæн. Уый  тынг легитимон  фарст у, фæлæ  нæм  ацы  фарст  сæвæрын æмæ стæй  дзуапп райсыны  фадат.  Афтæма, райстам  тынг  дырыс  фысæг, кæцыйы Европæйы Советы  æнæиу ныффыст ис уый тыххæй,  цæмæй цахæм хæдбарад хъуамæ уа Æхсæнадон Уацхæссæгæн  æмæ йын цы роль ис бæстæйы. Хæдæгай,  Европæйы Советы  амæйразмæ  публикацигонд  документы, кæцы нæ бæстæйы   аргълæвæрдмæ æххæссыд,  хаххгонд у растдæр Æхсæнадон Уацхæссæджы  финансдзинады уыцы формæ, кæцы ис  ацы тæккæ, куыд иуæй-иу  сеппæтæй  хуыздæр модел», – райхъусын кодта Бердзенишвили.

Уыимæ, Тинатин Бердзенишвилийы дзырдæй, зæгъгæ иу æрдгæй  редакцион  хæдбарад у нысаниуæгджын, иннæ æрдгæй та, финансон  хæдбарад, уымæн æмæ  уыдон кæрæдзиимæ   кореляцийы сты.

Æхсæнадон Уацхæссæджы  генералон директор хъусын кæныц, цæмæй ист уынаффæ  раст нæу.

«Растдæр  ерын, Гуырдзиаг  закондæттынад куы хæстæг кæны  европагмæ æмæ ис хæсдзинæдтæ, сæ нымæцы 12  рекомендацийы дæр медиайы  сæрибардзинад æмæ  Хæдбар Æхсæнадон Уацхæссæг  сæйраг фокусы ис,  хъуыды кæнын, цæмæй  ацы уынаффæ раст нæу æмæ   йæм æнæмæнгæй баздæхдзыстæм уымæ фæстæмæ. Мах ракуырдтам фембæлын парламенты сæрдаримæ æмæ æнхъæлын, цæмæй ацы уынаффæ æнæмæнгæй  фæивдзыстæм»,- райхъусын кодта Бердзенишвили.