Фыццаг Канал æмæ Украинайы Радио Гуырдзыстоны уæвæг  Украинайы æмбæстæгтæн
Фыццаг Канал æмæ Украинайы Радио Гуырдзыстоны уæвæг Украинайы æмбæстæгтæн

Фыццаг Канал, Гуырдзыстоны уæвæг Украинайы æмбæстæгтан, Украинайы Æхсæнадон Радиойы инциативæйæ,  Украинайы  радиоэфиры  комкоммæ трансляци дæтдзæн.  Фæнысангонд  уынаффæйæн йæ нысан у,   Гуырдзыстоны  уæвæг   Украинайы  æмбæстæгтæн æмæ æндæр интересджын уангтæм, информаци лæвæрд цæуа  се æвзагыл, оперативонæй.

22 февралæй  Украинайы  Æхсæнадон Радиойы  хъусджытæн,  24 сахаты  дæргъы,  оперативонæй  дæтты  информаци  бæстæйы цæугæ   фæзындты  фæдыл.  Радиойы  эфиры  ныхас кæнынц  æфсæддон аналитиктæ, паддзахадон   архайджытæ  æмæ акæнæг эксперттæ.

Комкоммæ  трансляци урæд цæуы   æрмæст  фæдисы  сигналы рæстæджы, акæнджытæ тыхыбын куы бавæййынц  бомбæлигъдонмæ  ахизын.

Украинайы  æхсанадон радио у сегасдæр популярон    æмæ  сеппæтæй  егъау  радиостанцæ бæстæйы.  Йæ æрвылбойнон  хъусджыты  астæуккаг  нымæц, милуаны бæрц у.