Фыццаг июлæй ломабрдтæн  фæтобæ  уыдзæн, пайдагæнджытæй цъындыйæ райст мулкъ ногæй  цъындыйæ раттын
Фыццаг июлæй ломабрдтæн фæтобæ уыдзæн, пайдагæнджытæй цъындыйæ райст мулкъ ногæй цъындыйæ раттын

Цæугæ азы  фыццаг  июлæй  ломбардтæн скусдзæн  ног регуляци, кæцымæ гæсгæ  дæр,   пайдагæнджыты цъындыйы лæвæрд мулкъы  ногæй  цъындымæ раттын фæтобæ уыдзæн.

Æмбæлон ивд, «хæс дæттæг  субъекты Гуырдзыстоны Национ Банчы  регистрацийы, регистраци аивыны æмæ  регулир кæныны  æгъдау  сбæлвырды  фæдыл закъонмæ»   цæуы  хаст.  Ивындзинадæй, хæс дæттæг  субъектæн, ацы  цауы  ломбардæн фæтобæ  уыдзæн   пайдагæнæгы  цъыдыйæ лæвæрд   мулкъ ногæй  цъындымæ раттын.

Национ Банчы  æмбарын кæнынц, цæмæй  ломбардтæн хæс райсынæн  сæ бон у   хисæрмагонд активтæ раттын цъындыйы, дæнцæн –  лæвæрд кредитон портфель, кæнæ сæрмагонд   змæлгæ-æнæзмæлгæ  мулкъ, фæлæ сын тобæгонд уыдзæн  хæс  кæмæн  адæттой  уый цъындыйæ  райст искæй  мулкъ  раттын ног  цъындыйы.

«Ивды  бындурон нысан у  пайдагæнджыты  бартæ бахъахъхъæнын, уымæн  æмæ цъындыйæ лæвæрд  мулкъы  ногæй  цъындымæ раттын,  егъау  рæхын  кодта  фæнысангонд  мулкъы  фесафыны  рискъ æмæ  куылымпы кодта   хæс раттыны  фæстæ   мулкъ фæстæмæ æрыздахыны  процесс»,-  хъусын кæнынц   Национ Банчы.

Гуырдзыстоны Статистикæйы националон куыст, 2018 азы бæрæггæнæнтæ  нырма публикаци не скодта, фæлæ  2017 азы кæронмæ, Гуырдзыстоны ломбарды  къабазы  куыстой  875  организацийы.  Уыдонæй  55,7 % Тбилисы; 12,1 процент – Мереты  регионы; 9,9 процент Самегрело-Уæллаг Санеты;9,7- Ачъарайы; æрмæст иннæ  12,6 %  æндæр  реггионты. 2017  азы  дæргъы   ломбардты  лæвæрд кредитты  бæрцуат  405,8 млн  ларимæ аххæссыд. Уый нымæцы 64,7 процент  националон, æрмæст  35,3 процент та  фæсарæйнаг валютæйæ.  Лæвæрд  хæсты  96,4 процент, физикъон уæнгтæн, æрмæст 3,6 процент та дарттой юридикъон  уæнгтæ.  Ломбардты кассæты уæвæг æхцаы бæрц, 2017 азы кæронмæ  уыд 23,8 млн ларийы. 2017 азы бæрæггæнæнтæй,  ломбардты клиентты  нымæц, 600 минæй ахызт.