Франкфурты Дыккаг Дунеон Хæсты рæстæгон бомбæйы тыххæй 16 минæй фылдæр адæймагы эвакуаци сæххæст
Франкфурты Дыккаг Дунеон Хæсты рæстæгон бомбæйы тыххæй 16 минæй фылдæр адæймагы эвакуаци сæххæст.
«Дойче Велле» куыд хъусын кæны афтæмæй, 500 килограммы уæзы бомбæ Европæйы централон Банъкмæ хæстæг ссардтой. Тæссаг Зонæйы уыдис афтæдæр хæстæг уæвæг рынчындон, кæцыйы пациентты сахары æндæр медицинон центртæм фæхæццæ кодтой. Æхгæд æрцыд зоопарк æмæ хæстæг уæвæг территорийыл æхсæнадон транспортæй змæлд рæстæгмæ фæтобæ ис. Ныр бынатыл кусынц минæисджытæ.
«Доче Велейы» хъусинагæй Дыккаг Дунеон Хæсты рæстæгон бомбæ арæзтадон куыстыты рæстæджы, Европæйы Централон Банкъмæ хæстæг ссардтой.
Фæстаг хатт ахæм цау, Германийы сахар Франкфурты 2017 азы æрцыд, Дыккаг Дунеон Хæсты рæстæгон 1,8 тоннæйы бомбæ ссарыны тыххæй, 65 мин адæймагы эвакуаци куы сыххæст. Фæнысангонд цау, Германийы Дыккаг дунеон Хæсты фæстæ, сеппæтæй масштабон эвакуаци уыд.