Францы минæвар  Ираклий Гъарибашвилийæн -  Махæн  иттæг нысаниуæгджын у  Гуырдзыстонæн æххуыс Европæйы æрдæм фæндагыл
Францы минæвар Ираклий Гъарибашвилийæн - Махæн иттæг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн æххуыс Европæйы æрдæм фæндагыл

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстоны  Францы  Республикæйы минæвар, Диего Коласимæ фембæлдис.

Премьер-министры  пресс-куысты информацийæ   фембæлдыл   хъусдард здæхт  уыд   Гуырдзыстон æмæ Францы  æхсæн  уæвæг   динамикон  æмæ    интенсивон  æмгуыстады æрдæм, куыд   дыыуæфарсон афтæ  бирæфарсон  форматты.

«Уыдис нын  тынг цымидисон   æмæ   æфсæст фембæлд  премьер-министримæ.   Æркастыстæм  Гуырдзыстоны демократон  рæзынады  фарстæтæ  æмæ  демократийы  гъæды дарддæры  сбæрзонддæр кæнынæн   хъæугæ  реформæтæ адарддæр кæныны  нысаниуæг, афтæма институцион    консолидацидзинады  фарстæтæ.  Уымæй  уæлдай ма,   æркастыстæм  дыууæфарсон ахастыты  æмæ  Гуырдзыстоны рæзынады  фарстæтæ.   Махæн  иттæг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн æххуыс  Европæйы  æрдæм фæндагыл,  афтæдæр  æххуыс экономикæйы рапарахаты  æмæ адæймæгты æхсæн    контакттæ  сфидар кæнын  Францы æмæ æнæхъæнæй  Европæ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн», –   райхъусын кодта  Диего Колас  Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлды фæстæ.