Францы ивгъуыд æхсæв пъæлицæй 17 аздзыд æвзонгы куы амардта уый фæдыл протестон акцийыл, иууыл 719 адæймагы æрцахстой
Ивгъуыд æхсæв Францы пъæлицæй 17 аздзыд æнахъомы куы амардта, уый фæстæ уагъд протестон акцийыл, иууыл цъус 719 адæймагы æрцахстой. Уый тыххæй информаци хъусын кæны Францы мидхъуыддæгты министрад.
Афтæма сæ хъусинагæй, протестон акциты фæндзæм бон 600-ы онг хæдтулгæ æмæ 75 бæстыхай басыгъд. Пъæлицæй Марселы центры акцийы хайадисджыты ныссæндынæн цæссыгуадзæн газæй архайдта. Марселы мэр хицауадмæ сиды, горæтмæ уæлæмхас æфсæддæ арвита базарадон центрты æмæ банкты фæхаст ма руадзынæн.
Францы иуæй-иу горæты мэр сæрмагонд «Твиттеры» фарсыл фыссы, цæмæй демонстранттæ йæ хæдзармæ хæдтулгæйыл балæбурдтой. Зиæнттæ райстой мэры бинойнаг æмæ хъæбул.
Францы змæстытæ æмæ протестон рацыдтæ лозунгæй «Рæстад Нахелæн» уый фæстæ райдыдтой, Паризы æддагсыхы Нантеры, фæндагон фæткæвæрд халыны тыххæй патрулы урæд 17 аздзыд æвзонгы пъæлицæйы æхст нæмыг куы амардта, уый фæстæ райдыдтой.