Акцийы хайадисджытæ парламентæй «Картули Оцнебайы» централон офисы цурмæ ацыдысты.
Æрымбырдуæвджытæ «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект протест кæнынц.
Протесты хайадистджытæ семæ бахастой плакаттæ фыстытимæ : «Нæй уырыссаг закъонæн», «Нæй уырыссаг оцнебайæн».
Акцийы хайадисджытæ «Картули Оцнебайы» офисмæ хæстæг бацæуын домынц, цæй фадат сын бынатыл мобилизацигонд барадхъахъхъæнджытæ нæ дæттынц. Акцийы хайадисджытæ дзурынц, цæмæй офисмæ хæстæг бауцæуын сæ фæнды, цæмæй хузыдæр базонын кодтой протесты хъæлæс «Картули Оцнебайæн».
МХМ-ы минæвæртты фидиуæнæй, барадхъахъхъæнджытæ сарызтой кордон, цæмæй маруадзой гæнæн эксцесстæ æмæ æхсæнадон срæфат бахъахъхъæнынæн.