«Картули Оцнеба» раргом кодта æвзарæнон номхыгъды фыццаг дыууын номы
«Картули Оцнеба – демократон Гуырдзыстон» æвзарæнон номхыгъды фыццаг дыууыны бавдыста. Дыууыны уæнгты Гуырдзыстоны премьер-министр, Иракий Къобахидзе ранымадта. Бавдыст ацыд «Картули Оцнебайы» централон офисы.
Партийы æвзарæнон номхыгъды фыццаг дыууыны æхсæн уыдзысты:
Бидзина Иванишвили; Ираклий Къобахидзе, Ираклий Гъарбашвили, Шалва Папуашвили, Мамука Мдинарадзе, Тея Цъулукиани, Лаша Тъалахаде, Вахтанг Турнава, Мака Бочъоришвии, Гено Петриашвили, Созар Субари, Мариам Квривишвили, Анри Оханашвили, Николоз Самхарадзе, Эка Чъичъинадзе, Шота Берекашвили, Леван Махашвили, Михеил Хъавелашвили, Гиорги Габуниа, Лика Шартава.
«Куыд æй уынут афтæмæй, нæ партион номхыгъды фыццаг дыууын сты политикон балы фæлтæрд æмæ ног уæнгтæ, ног цæсгæмттæ, алы кары минæвæрттæ, æндæр æмæ æндæр сферæйы архайæг æнтыстджын адæймæгтæ» – банысан кодта Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе æвзарæнон номхыгъды бавдисыны фæстæ.
Уыимæ ма Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта, цæмæй 26 октбяры æвзæрстытæ не сты хуымæтæг æвзæрстытæ.
«Уый у скуыддзаггæнæг референдум, кæцыйыл дзыллæ фæстагмæ хъуамæ аскуыддзаг кæна, æвзары хæст, æви æвзары сабырдзинад, æвзары дзыллæйы моралон мыггагсæфт, æви традицин хæзнатæ, æвзары æмыр ивгуыд, æви Гуырдзыстоны рухс, европаг фидæн. Уырнæг стæм, гуырдзиаг адæмы фарсхæцынæй фæуæлахиз уыдзæн нæ политикон бал, кæцы Гуырдзыстоны сабырады, намысы. Фарны æмæ Гуырдзыстоны рухс, европаг фидæны фæлахиздзинад нысан кæны. Ноджы иу хатт уын бакой кæндзыстæм, 26 у нæ бон æмæ 26 октябры æнæмæнгæй фæуæлахз уыдзæн Гуырдзыстон», – райхъусын кодта премьер.
2024 азы парламентон æвзæрстытæ 26 октябры ацæудзысты.