Парламенты цур протестон акци цæуы. Закъондæттæг органы фæстаг бацæуæны цур æрымбырдуæвджытæ «Фæсарæйнаг æндæвдады æгомдзинады фæдыл» «Картули Оцнебайы» закъондæттæн инициативæ протест кæнынц.
Сæ сæйраг æркуырд у, Гуырдзыстоны парламент фæстæмæ асида фæнысангонд документ.
Æрымбырдуæвджыты æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, хицаугæнæг балы инициргонд проект куылымпы кæны Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы процесс.
Акцийы хайадисджыты ноджы иу æркуырд у, ссæрибар уæд Лазаре Григориадис.
«Ацы процесстæ кæрæдзиимæ сты баст. «Картули Оцнеба» ахицæн кодта ноджы иу хатт æрбаппара уырыссаг закъон, ноджы иу хатт бацархайа цæмæй контролы бын бакæна гуырдзига æнæхицауадн организацитæ æмæ медиатæ, ныууадза бирæ адæймагы æмбæстагы æнææххуысæй, ныгуылæйнаг æххусæй цух. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ дзыллæ ноджы иу хатт слæудзыстæм æмæ равдисдзыстæм цæмæй нæ æвзæрст у Евроцæдис» – райхъусын кодта акцийы хайадисæг Тамар Джахъели.