Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили «ADP къорды» вице-президент, Эдвард Оркрайтимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, францаг компани «ADP къорд» «Tav Airports»-ы акцитæ балхæдта æмæ йæ бардарæг ссис.
Хицауады администрацийы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фембæлдыл фарсытæ фидæны æмгуыстады перспективæтæ æмæ аэропортты фидæнон райрæзты стратеги афæлгæстой. Хицауады сæрдары дзырдæй, бæстæйы цырд экономикон рæзт, афтæ куыд туризмы рæзгæ динамикæ, амбицион планты бакусын фадат дæттынц. Хъусдард здæхт уыдис куыд Тбилисы, афтæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты сервисты ноджы фæхуыздæр кæныны нысаниуæгмæ.
ADP къорд фæтк дæтты æмæ операци кæны æндæр æмæ æндæр континенттыл 20-æй фылдæр аэропортæн. ADP къорд фæткдæттынады дæлбар аэропорттæ номдзыд сты квалифициргонд сервистæй æмæ æнæцудгæ райрæзтæй.
ADP къорд (l’Aéroport de Paris) бындурæвæрд уыд 1945 азы. Йæ нысан у бæлццæттæн бæрзонд гъæды фысымдзинады стандарттæ æмæ зæрзгъæд балц банхъарын. ADP къорд партнертимæ иумæ, фидæны аэропорттæ аразы, кæцы бындурæвæрд у инновацитыл, æнæцудгæ рæзынадыл, бирæфункцион æмæ иттæг хорз сервистыл.
ADP къорды дæлбар сты Францы, Паризы, Шарль де Голы æмæ Орлы аэропорттæ.