Финлядийы Гуырдзыстоны æмбæстæгты нæ бахъæудзæн  æнæмæнгхъæугæ карантинмæ ахизын
Финлядийы Гуырдзыстоны æмбæстæгты нæ бахъæудзæн æнæмæнгхъæугæ карантинмæ ахизын

Финляндийы  хицауад  ранæуæг  кодта уыцы  бæстæты  номхыгъд,  кæцытæй  ныццæугæ  æмбæстæгтæн карантинма ахизын æнæмæнгхъæугæ  нæ уыдзæн.  Фæнысангонд  номхыгъды  25 бæстæйы æхсæн  ис Гуырдзыстон дæр.  Информацийы  уый фæдыл  хъусын кæны  Финляндийы  æхсæнадон уацхæссæг.

Сæрмагондæй та, Финляндимæ  арæнæвæрдтæй уæгъд, сæ бон ныццæуын у   Евроцæдисты æмæ  Шенгены  зонæйы  ацы  бæстæты  æмбæстæгтæн:  Ирландийы, Исландийы, Италийы, Мальтæйы, Грецийы, Кипры, Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы, Лихтенштейны, Норвегийы, Германийы, Сан-маринойы, Словакийы, Данийы, Венгрийы æмæ Ватиканы  æмбæстæгтæн.  Евроцæдисы  арæнты æддæйæ, уæлдæрæрнымад  бæстæтæй  дарддæр,  Финляндийы  арæнтæ гом сты  аст бæстæйæн,   кæцыты  Евроцæдис бахаста  æдас бæстæты   номхыгъдмæ.

Ахæм паддзахадтæ сты, Гуырдзыстон, Хуссар Корея, Япони, Руанда, Тайланд, тунис, Уругвай æмæ  Ног Зеланди.

Иннæ бæстæтæй Финляндимæ ныццыды рæстæджы, бæлццæтты бахъæудзæн  карантинмæ  ахизын.