«Фейсбук» Уæрæсеимæ баст профайлтæ æмæ веб-фарсытæ схафта, кæцытæ публикаци кодтой æрмæджытæ  æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл, уый нымæцы гуырдзиагау дæр
«Фейсбук» Уæрæсеимæ баст профайлтæ æмæ веб-фарсытæ схафта, кæцытæ публикаци кодтой æрмæджытæ æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл, уый нымæцы гуырдзиагау дæр

Компани  «Фейсбук»  Уæрæсеимæ баст профайлтæ  æмæ  веб-фарсытæ  схафта,  кæцытæ  æрмæджытæ  æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл, уый нымæцы гуырдзиагау дæр публикаци кодтой.  Сæрмагондæй та,  социалон  хызаджы хыгъдлæвæрды  банысангонд куыд  у,  афтæмæй,  схафтой   Уæрæсеимæ  баст   46  фейсбук-фарсы, 91 профайлы  æмæ дыууæ къорды, афтæдæр «Инстаграммы»  иу  профайл.

«Фейсбукы»  куырдиатæй,   фæнысангонд  фарсыты  хызаг, информаци  хæлиу кодта  уырыссагау, англисагау, немыцагау, испайнагау, францагау,  венгриагау, серьагау, гуырдзиагау, индонезиаг æмæ   персаг æвзæгтыл  æмæ фокусиргонд уыдис  Дунейы  бирæ регионыл.

«Фæдагуырд  активондзинад сбаста бæрæг гоймæгтæимæ  Уæрæсейы, Украинайы Донбасы регионы æмæ  дыууæ медиаорганизациимæ  Хъырымы – NewsFront æмæ SouthFront-имæ», – дзырдæуы  компанийы  куырдиаты.

Социалон хызаг апрелы  æдæппæт  «Фейсбукы»  732  профайлы,  «инстаграммы»  162  профайлы,  афтæдæр  793  фарсы æмæ  200  къорд схафта, сæ нымæцы  Гуырдзыстонæй дæр.