Телекомпани «Кавкасиа»-ы цур фарсхæцджыты акци цæуы.
Змæлд «Шецвале»-йы æмæ «Сирцхвилиайы» уæнгтæ уыцы телекомпанитæн, кæцытæн фидинæгты æнæбафсты тыххæй инкасо сфидар кодтой, фарсхæцынад æвдисынц. Акцийы хайадисджытæ куыд дзурынц, афтæмæй, хицауад алы уыцы телекомпанийы басусæг кæнын архайы, кæцытæ йæ куысты фæстиуджытæ критиконæй рухс кæнынц.
«Æфхæры телекомпаниты æмæ алы уыцы телеуынынад, кæцы критикон ахаст дары Бидзина Иванишвилимæ æмæ рухс кæны бæстæйы уæвæг реалон фæзындтæ. Алы уыцы медиа фæрæзты сæрыл хæцдзыстæм, кæцытæ æхсæнады интерестæ хъахъхъæныц», – райхъусын кодта змæлд «Шецвале»-ы уæнг Димитри Бидзинашвили.
Фарсхæцæг акцимæ баиу сты оппозицион партиты минæвæрттæ æмæ «Мтавари Архи»-ы къухдариуæггæнæг Ника Гварамиа дæр.
Финансты министрадæй лæвæрд æмгъуыд аивгъуыды фæстæ, «Рустави2» «Тв Пирвели» æмæ «Кавкасиа»-æн фыццаг октябрæй райдайгæ хæсты æнæбафысты тыххæй, инкасо æрцыд æвæрд.
Финансты министрад медиафæрæзты 23 декабры специалон хъусинагæй бафæдзæхста æмæ сын иубонон æмгъуыд ратта, цæмæй 2019 азы 1-аг октябрæй æрымбыруæвæг цæугæ хæсты, сæйраг суммæ бафыстаиккой.