Фæзуат социалон амæлттæ ауадзынæн аренды раттын тобæ кæны
Фæзуат социалон амæлттæ ауадзынæн аренды раттын тобæ кæны

Социалон  мадзæлттæ ауадзыны фæдыл регуляцитæ æмæ   контрол  карздæр кæны.  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куысты инспекцийы   хистæр  Бека Перадзе  куыд  фехъусын кодта уымæ гæсгæйæ,   изоляцийы  æмæ  карантины  фæтк  сбæлвырды  фæдыл Гуырдзыстоны   хицауады   уынаффæмæ ивддзинæдтæ  бахæссын план кæнынц, кæцытæм гæсгæй  дæр, фæзуат  аренды раттын кæй  фæнды, уый  хæсджын уыдзæн   æххуырсæгæн   бадзырды ныффысса  домæн,  цæмæй  фæнысангонд  фæзуатæй  нæ пайда кæндзысты  социалон  мадзæлттæ  ауадзынæн.

Ахæм бадзырд бафыссыны фæстæ,  кæд  аренды дæттæгæн  бæрæг суыдзæн, цæмæй   аренды исæг  фæзуатæй социалон амæлттæ ауадзынæн  пайда кæны, уый хæсджын уыдзæн  фехъусын кæна  куысты инспекцийæн фæнысангонд  уавæры фæдыл. Науæд та  социалон  мадзæлттæ ауадзыны факты сбæрæгы фæстæ,  йæ ныхмæ  райдайдзысты  тугтæрхоны барады хъуыддаг.

Фæллойады инспекцийы куысты  хистæры  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ фæстаг  периоды фæарæх сты  цаутæ, фæзуæтты  хицæуттæ  сæрмагонд фæзуæттæ  арæнды дæттой  социалон мадзæлттæ  ауадзынæн,  фæтксасты  сбæрæгы  цауы та  фæивар уыдзыстæ  арæнды дæттæг уæнг – 2 мин  ларийæ, кæцы  адæм арæх   чындзæхсæвты,  гуырæнбонты кæнæ хисттæ  аразыны  превенци нæ кæны.  Перадзейы фидиуæнæй,  растдæр ахæм практикæйы фæарæх ссис  регуляциты фæкарз кæныны  аххосæй.  Ног  уагæвæрд  æввахс бонты  бацæудзæн йæ тыхмæ.