Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Украинайы  горæт  Винницайы  ракетон бырсты фæстиуæгæн 22  сабырадон æмбæстаг амард
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Украинайы горæт Винницайы ракетон бырсты фæстиуæгæн 22 сабырадон æмбæстаг амард

Украианйы горæт Винницайы  Уæрæсейы  ракетон  бырсты  фæстиуæгæн   фæстаг бæрæггæнæнтæй  22  сабырадон   æмбæсатг амард, 39  адæймаг та   ацы афонмæ æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл нымад цæуынц.

Информаци украинаг  медиа   националон пъæлицæйы къухдариуæггæнæгыл   æнцойæ хъусын кæны.

Медийы  информацийæ,  фæмардуæвджытæй  æрмæст æхсæзы   идентификаци скæнын бантыст.

Бакой уын кæндзыстæм, ракетæ автомобилты  лæууæны  цур æрхауд,  цæй фæстиуæгæн   30-ы онг   автомобиль басыгъд.  Винницайы  цалдæр   бынатыл уыд  бомбæппæрст.  Стынды  фæстиуæгæн базиан ис офицерты хæдзар æмæ алфæмбылай  цæрæн корпустæ.  Винницайыл бомбæппæрсты кой ракодта Украинайы  президент  Володимир Зеленски, æмæ    Уæрæсейы  схуыдта  террористон паддзахадæй, кæцы  сабыр цæрджыты  куынæг кæны.