Фæсарæнты  цæрæг  æмбæстонтæн Гуырдзыстоны æмбæстагад райсыны процедурæтæ æнцондæр кæнынц
Фæсарæнты цæрæг æмбæстонтæн Гуырдзыстоны æмбæстагад райсыны процедурæтæ æнцондæр кæнынц

Фæсарæнты цæрæг  æмбæстонтæн Гуырдзыстоны  æмбæстагад  райсты  процедурæтæ æнцондæр кæнынц. Уый фæдыл Гуырдзыстоны  юбстицийы  министр Рати Брегадзе  хицауады  абоны   рабадты фæстæ  райхъусын кодта.

Рати Брегадзе  райхæлдта, цæмæй  цы ивддзинæдтæ  бахæсдзысты  Гуырдзыстоны æмбæстагады  фæдыл органон закъонмæ. Æрмагондæй, Гуырдзыстоны æмбæстагад райсын кæй фæнды  ахæм гоймагæн   фæлварæн раттын бахъæудзæн  паддзахадон сервисты  райтынгы агентадæн.

«Æмбæстагады куырдиат бавдисыны онг æмæ æнæзæрдæмæдзæугæ  фæстиуæгы  цаукы, агентад нал райдайдзæн  æмбæстагад раттыны фæдыл  формалон процедурæтæ, цæмæй  дæр  æнæхъуаджы  рæстæг  æмæ ресурстæ нал фесафдзæн.Дыккаг ивд æххæссы уымæ, æмæ гоймагæн  уыдзæн   бар,  æнæнтысты цауы   фæлварæн  фæлхатгæ раттын  æнæарæнгондæй.  Гуырдзыстоны æмбæстагад райсыны фæдыл  куырдиатыл кæронбæттæн æппæрццаг   уынаффæ райсты цауы,  æмбæстагад раттыны   процедурæйы фæлхатгæ райдайыны  æмгъуыд  иу афæдзæй  æхсæз мæйы онг къаддæр кæны, кæцы тынг   стыр уæлбар уыдзæн  уыцы  уæнгтæн, кæцыты фæнды Гуырдзыстоны æмбæстагад райсын.  Афтæма  цыппæрæм ивд  æххæссы  нæ æхсæнадæмон хæсистмæ, сæрмагондæй та  ИНОйы лигъдæтты  бæрзонддæр  комиссариаты раз хæсмæ,   кæцымæ гæсгæ дæр, æмбæстагад кæмæ нæй  ахæм уæнгты æрдгæй æмбæстагад райсынæн  бæлвырд Гуырдзыстоны цæрыны  10 азон ценз,  5 азы онг фæкъаддæр уыдзæн» – райхъусын кодта Рати Брегадзе.