Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæныны фарстайы фæдыл  куырдиат бавдысты æмгъуыд дыууæ азæй  адарддæр уыдзæн
Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæныны фарстайы фæдыл куырдиат бавдысты æмгъуыд дыууæ азæй адарддæр уыдзæн

Гуырдзыстоны æмбæстагад  сæндидзын кæныны  фарстайы  фæдыл  куырдиаты  æмгъуыд  дыууæ азæй   адарддæр уыдзæн.  Æмбæлгæ ивдтытæ «æмбæстагады фæдыл»  закъонмæ цæуынц  хаст, кæцыйы  инициатортæ  фылдæрты уæнгтæ  Бека Одишариа, Михеил Сарджвеладзе, Алуда Гъудушаури, Гиви Чъичъинадзе  сты.

Закъонопроектæй  бæрæг у, цæмæй   Гуырдзыстоны раздæры æмбæстæгтæн, афтæма  æмбæстæгтæн, кæцытæн   2018 азы 15 августы  онг нæ уыд   ист  уынаффæ  Гуырдзыстоны æмбæстагад  æндæр бæстæйы  æмбæстагад райсты тыххæй  фæурæды фæдыл, Гуырдзыстоны  æмбæстагад сног  кæнын кæнæ  ма фесафыны  куырдиат бавдисыны  æмгъуыд  2022  азы  31  декабрæй 2024 азы  31  декабрмæ адарддæр  уыдзæн.

Уыимæ, закъонопроектæй  бæрæг кæны, ома 2022 азы  31  декабрæй  2024 азы 31 декабры онг адардæр кæны  закъоны   уыцы статиты архайды æмгъуыдтæ, кæцытæ   бæрæг кæнынц  1993  азы онг гуырд  уæнгæн  Гуырдзыстоны æмбæстагад сбæрæг  кæныны домæнтæ  æмæ  Гуырдзыстоны  æмбæстагад  раттыны   специалон уаг.  Депутатты  хъусинагæй, 2018  азы  Гуырдзыстоны æмбæстагад сног кæныны куырдиат агентадмæ бавдыста  1935, æрмæст 2019  азы -2044  Гуырдзыстоны раздæры æмбæстаг.

Гуырдзыстоны æмбæстагад  мафесафыны  рæстæгмæ  барæй  та, 2018   азы  спайда кодта 3120,  æрмæст 2019  азы  7234 æмбæстаг. Се мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   2020  азы Гуырдзыстоны  æмбæстагад сног кæныны куырдиатæй  агентадмæ  абздæхтис 1217  Гуырдзыстоны раздæры æмбæстаг, æрмæст Гуырдзыстоны  3186  æмбæстаг, æркуырдтой  Гуырдзыстоны æмбæстагад бахъахъхъæд.