Фæсарæнтæй Гуырдзыстонмæ æрцыды рæстæджы кæцыфæнды гоймаг ссæрибар у вакцинацийы бæлвырдгæнæн документы, тесты дзуапп бавдисын æмæ хиизоляцийы хæсæй
Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ, фæсарæнтæй Гуырдзыстонмæ æрцыды рæстæджы кæцыфæнды гоймаг ссæрибар уыдзæн вакцинацийы æвдисæнгæххæтт, тесты дзуаппы бавдыстæй æмæ изоляцийы хæсæй.
Уыдæттæ йæ хъуыдыйы дары изоляцийы æмæ карантины фæкæвæрд сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзыстоны хицауады 2020 азы 23 майы №322 уынаффæмæ хаст ивддзинад.
«Фæсарæнтæй æрцæуæг кæцыфæнды гоймаг (æмбастагадмæ нæкæсгæ) цыфæнды бæстæйæ рабалц кæныны рæстæджы Гуырдзыстоны территорийыл арæныл рахизыны рæстæджы ссæрибар уыдзæн ковидвакцинацийы æххæст курсы бæлвырдгæнæг документы кæнæ визиты агъоммæ 72 сахаты мидæг арызт «PCR» тесты негативон дзуаппы арæныл бавдисыны æмæ хиизоляцийы хæсистæй», – банысангонд у уынаффæйы.
Уынаффæ премьер-министр Ираклий Гъарибашвили 14 июны бафыста æмæ уый йæ тыхмæ бахызти абонæй, 15 июнæй.