Фæсарæн хъуыддæгты министрады, Гуырдзыстоны дипломатон миссийы къухдариуæггæнджыты æмхайадæй ацыд фембæлд  ЦÆК-ы сæрдаримæ
Фæсарæн хъуыддæгты министрады, Гуырдзыстоны дипломатон миссийы къухдариуæггæнджыты æмхайадæй ацыд фембæлд ЦÆК-ы сæрдаримæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады, Гуырдзыстоны дипломатон миссийы  къухдариуæггæнджыты  æмхайадæй ЦÆК-ы  сæрдар Гиорги Каландаришвилиимæ фембæлд ацыд.

Фембæлды фæстæ  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили куыд  загхта афтæмæй,   фембæлд   кæцыйыл дзырд уыдис октябры  æвзæрстыты тыххæй,   уыдис  иттæг цымидисон æмæ  лæмбынæг.

«Æрдзырдтам,  цæмæй  фæсарæн хъуыддæгты министрад æмæ ЦÆК фидæны дæр   адарддæр кæндзысты  æнгом æмгуыстад, координацидзинад æмæ коммуникаци,  цæмæй  иу æрдгæй   нæ æмбæстæгтæ равдисой   йæ  конституцион   бар  октябры  ауадзинаг æвзæрстыты æмæ  æмæ сын  ма уа  барьертæ, иннæрдгæй  та,  сараздзыстæм алцыппæт, цæмæй ацы æвзæрстытæ уа  æдас,  нæхи аиуварс кæнæм  алыгъуызон рискытæй, æмæ технологионæй  уа рæвдз», –  райхъусын кодта  Илиа Дарчиашвили.

Уыимæ  ЦÆК-ы сæрдар Гиорги Каландаришвили куыд банысан кодта афтæмæй,   фембæлдыл минæвæрттæн бадæттой информаци, цæмæй  фæсарæнты уæвæг   Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн информаци фехъусын кæнын  бантыса.

«Нысаниуæгджын у, нæ æмбæстонты информиркæныны нысанæй дипломатон  минæварадтæм уа информаци  фæсарæнты уæвæг нæ æмбæстонты   æвзæрстыты айад райсынæн  æмæ æндæр нысаниуæгджын  прогрессон  активондзинæдты фæдыл, кæцы абон институцийы раз лæууы.  Уый тыххæй,  стæм  регулярон æмæ иудадзыг  коммуникацийы  фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ, цы ран перманентонæй  ивæм информаци нысаниуæгджын фарстатыл, кæцы ифтонг кæны æвзæрстыты  бæрзондпроцессион  æмвæзыл, европаг æмæ æхсæнадæмон   стандартæй администрирдзинад»,  – райхъусын кодта Каландаришвили.