Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Уæрæсемæ сидæм, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад хæлæг архайдтытæ фæурома æмæ æхсæнадæмон хæстæ æххæст кæна
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад тæрхон кæны Уæрæсейы оккупацигонд регион Абхазы,афтæ хуынæг президентон æвзæрстыты ауадзын, кæцы æргомæй хæлы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад йæ æхсæнадæмон нымад арæнты фæлгæтты.
Æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны ис фыст, цæмæй «Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны интегралон территориты оккупацийы контексты æмæ Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæй мидæггагон æрцæуæггæгтæ æмæ лигъдæттæн сæ хæдзæрттæм æрыздæхыны фадат куы нæ лæвæрд цæуы, æмæ цæрджытæй баззайæг адæмæн та сæрибардзинады æмæ ахæм фундаменталон бартæ хæлд уавæрты цæрынæн ис ахæм уавæрты Æвзæрстытæ сты æнæзакъонон æмæ сын нæй гæнæн æрхæссой юридикон фæстиуджытæ, уымæн æмæ ныхмæлæуд кæнынц дунеон барады фундаменталон нормæтæ æмæ принциптæн».
«Фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй раст аргъ скæной æмæ æмбæлон реагир кæной архайдтытæн, кæцытæ здæхт сты Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады хæлдмæ. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, фæуромой архайдтытæ, кæцытæ халынц Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад, сæххæст кæной йæ æхсæнадæмон хæстæ, се æхсæн 2008 азы 12-æм августы Евроцæдисы æрдыгæй æхсты фæурæды бадзырд æмæ Гуырдзыстоны территорийæ акæна йæ æфсæддонтæ» – ис фыст фидиуæны.