Фæсарæн хъуыддæгты министрад -  барæй хæлиу кæны дезинформаци, цæвиттон фсарæнты Гуырдзыстоны Хæдбарады бонмæ нывонд мадзæлттæ ивынц
Фæсарæн хъуыддæгты министрад - барæй хæлиу кæны дезинформаци, цæвиттон фсарæнты Гуырдзыстоны Хæдбарады бонмæ нывонд мадзæлттæ ивынц

<Барæй  хæлиу кæны  дезинформаци, цæвиттон фæсарæнты Гуырдзыстоны Хæдбарады бонмæ нывонд  мадзæлттæ ивд цæуынц, – уый фæдыл   дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады   фидиуæны.

Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, Гуырдзыстоны дипломатон мисситы  æрдгæй хæдбарады бонмæ нывонд  мадзæлттæ ауадзын æрвылазонæй  раст 26 майы нæ  цæуы.

Афтæма сæ хъусинагæй, 70-йæ фылдæр  дипломатон минаварадæй 30-ы онг минæварады райсты ауадзын æндæр æмæ æндæр бонтæм у плангонд.

«Æрвылазонæй, Гуырдзыстоны дипломатон   мисситæ фæсарæнты иумæйаг хицауадони   концепцимæ гæсгæйæ,   æндæр æмæ æндæр  хуызыт мадзæлттæй сбæрæгбон кæнынц  бæстæйы националон бæрæгбон –  Хæдбарады бон. Куыд уаг , националон бæрæгбоны банысан кæнын тæккæ  бæрæгбонон  датæйы иу нæ цæуы æмæ уый фидаргонд практикæ у  дунейы, – куыд Гуырдзыстоны аккредитацигонд  дипломатон корпусы  цауы, афтæ Гуырдзыстоны   дипломатон мисситы фæсраæнты.  Сæрмгаондæй  уый  æххæссы минæварады номæй райстмæ,  кæцы рæстæджы дæр зæрдыл бадарын хъæуы  бирæ æндæр æмæ æндæр фактортæ.

Уымæ æмбæлгæйæ, æрвылазонæй, Гуырдзыстоны дипломатон мисситы Хæдбарады бонмæ нывонд мадзæлтты,  райсты ауадзын нæ  цæуы  тæк 26 майы. Ацы аз дæр 70-йæ фылдæр  дипломатон   минæварадæй  30-ы онг  минæварады  плангонд сты  райсты ауадзын   майы  дыккаг æрдæджы-июны райдайæны, иннæ хайæн та  июны  астæу бонты, иуæй-иутæн июны кæрон дæр.

Гуырдзиаг телеуынынадтæй сæ иу барæй ахæлиу кодта  дезинформаци, цæвиттон фæсарæнты Гуырдзыстоны хæдбарады бонмæ нывонд мадзæлттæ ивынц.  Сюжеты  бавдыст  дыууæ дипломатон  миссийы  æрдгæй  Хæдбарады бонмæ нывонд мадзæлтты ауадзын  техникон  аххосæгты  тыххæй  уыд æргъæвд æмæ æнæмæнгæй  ауадздзыстæм  бæрæг  рæстæджы фæстæ», –  дзырдæуы  фидиуæны.