Фæцардтæн æмæ амардтæн сæрыстыр америкагæй –Джон Маккейны фыстæг рапарахат ис

Фæцардтæн æмæ амардтæн сæрыстыр америкагæй –Джон Маккейны фыстæг рапарахат ис

Джон Маккейны æххуысгæнæг америкаг республикаг сенаторы фыстæг рапарахат кодта, кæцы CNN парахат кæны. “Адон сты Джоны ныхæстæ» афтæ ьавдыстой Маккейны бинонты уæнгтæ сенаторы фыстæг.

«Нæ æмбæстæгтæ, америкагтæ, кæцытæн æз лæггад кодтон 60 азы дæргъы, мæ аризонæгтæ – бузныг уын сидынпривелеги мын кæй раттат, цæмæй уын лæггад кæнон. Æз архайдтон лæггад кодтаин мæ бæстæйæн. Æз рæдытытæ дæр уагътон, фæлæ ныфс дарын, цæмæй мæ уарзондзинад Америкайы æрдæм фылдæр уыд.

Арæх хъуыды кодтон, цæмæй дунейы алкæмæй æнтыстджын адæймаг уыдтæн. Ныр дæр афтæ хатын мæхи, мæхи мæлæтмæ куы цæттæ кæнын. Æз уарзтон мæ цард. Æз стыр фæндаг рацыдтæн.

Иу нæлгоймагæн дæр нæ уыд ахæм уарзон уды хай куыд мæнæн, афтæ сæрыстыр иу адæймаг дæр нæу йæ сывæлæттæй куыд æз. Æз Америкайы раз хæсы дæн.

Джон Маккейн 81 азы кары амард, 25 августы.