Евросоветы парламентон ассамблейы арæнвæрдтæй сæрибарæй, Уæрæсейы организацимæ æрыздæхты фæдыл резолюци сбæлвырд кодта
Евросоветы парламентон ассамблейы арæнвæрдтæй сæрибарæй, Уæрæсейы организацимæ æрыздæхты фæдыл резолюци сбæлвырд кодта. Уынаффæйæн йæ фарс рахæцыд 116 депутат, 62 йæ ныхмæ рацыд, 15 та сæхи баурæдтой.
Парламентон ассамблейыл депутаттæ нæзагъд ракодтой Украинайы, Гуырдзыстоны, Британийы æмæ æндæр бæстæты бавдыст барастыты сбæлвырд кæныныл.
Евросоветы парламентон ассамблей цъус рæстæг размæ йæ фарс рахæцыд резолюцийæн, кæцы Уæрæсейæн æрыздæхыны æмæ сæрдыгон сессийы хайад райсыны фадат дæтта. Документæн йæ фарс рахæцыд, ассамблейы 118 уæнг, 62 уыд йæ ныхмæ, дæс та сæхи баурæдтой.
Рабадтыл Гуырдзыстоны æмæ Украинайы делегациты уæнгтæ Евросоветы парламентон ассамблейы Уæрæсейæн æххæстбарты æрыздахыны ныхмæ карз фидиуæнтæ сарызтой.
Уæрæсейы делегацийæ 2014 азы Хъырымы æнæзакъонон анексийы тыххæй, Евросоветы парламентон ассамблейыл, хъæлæс бар байстой, цæй фæстæ дæр Уæрæсе Евросовенты уæнгон бахаст фидын фæурæдта.